Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Иоанна
1
Параллельные места
Ӕцӕгады Уды. Дунейы бон Йӕ райсын нӕу, уымӕн ӕмӕ Йӕ нӕ уыны ӕмӕ Йӕ нӕ зоны. Сымах та Йӕ зонут, уымӕн ӕмӕ Уый уемӕ ис ӕмӕ уӕ зӕрдӕты цӕрдзӕн. Уымӕн ӕмӕ сымах ногӕй райгуырдыстут, мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, уыцы адӕймаджы мыггагӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы цардӕгас ӕмӕ ӕнусон ныхасы руаджы. Уымӕ гӕсгӕ сымахӕн уыдӕтты тыххӕй дзурдзынӕн ӕдзух, кӕд сӕ зонут ӕмӕ уӕм цы ӕцӕгад фӕхӕццӕ, ууыл фидар хӕцут, уӕддӕр. Кӕд мах афтӕ дзурӕм, тӕригъӕд нӕм нӕй, зӕгъгӕ, уӕд нӕхи сайӕм ӕмӕ ӕцӕгад нӕ зӕрдӕты нӕ цӕры. Чырыстийы ныхас парахатӕй цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Ӕмӕ уын цы бирӕ зонд дӕтты, уый фӕрцы зонд амонут ӕмӕ ахуыр кӕнут уӕ кӕрӕдзийы. Хорзӕхӕй хайджынӕй, Хуыцауӕн зӕрдиагӕй зарут псаломтӕ, гимнтӕ ӕмӕ удварны зарджытӕ.
2. Иоанна
1
Выбор основного перевода