Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Иоанна
1
Параллельные места
Уӕхи хизут, фысдзармы уӕм чи ӕрцӕуы, мидӕгӕй та тугдзых бирӕгъ чи у, уыцы мӕнгпехуымпартӕй. Мӕ сывӕллӕттӕ, рӕстӕджы кӕрон у. Сымах куыд фехъуыстат, афтӕмӕй ӕрцӕудзӕн Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Ӕмӕ ныр дӕр Чырыстийӕн фӕзынд бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ, ӕмӕ афтӕмӕй мах зонӕм, кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый. Йесо, дам, Чырысти нӕу чи зӕгъы, уый кӕд нӕу сайӕгой, уӕд ма сайӕгой та чи у? Уыцы сайӕгой Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг у. Уый йӕхи тигъ кӕны Фыдыл дӕр ӕмӕ Фыртыл дӕр. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы удӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы. Хуыцауы Уд кӕмӕ ис, уый афтӕмӕй базондзыстут: Йесо Чырысти адӕймаджы буары ӕрцыд, зӕгъгӕ, ӕргомӕй чидӕриддӕр зӕгъы, уый Хуыцауы Удӕй у хайджын. Фӕлӕ афтӕ чидӕриддӕр зӕгъы, Йесо адӕймаджы буары не 'рцыд, зӕгъгӕ, уымӕ та Хуыцауы Уд нӕй – Чырыстийы ныхмӕлӕууӕджы уд ӕм ис. Сымах фехъуыстат, Чырыстийы ныхмӕлӕууӕджы уд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй. Ӕмӕ уыцы уд ныридӕгӕн дунейы ис. Ӕз федтон ӕндӕр сырды зӕххӕй рацӕйцӕугӕ. Уыдис ын уӕрыччы сыкъаты хуызӕн дыууӕ сыкъайы ӕмӕ дзырдта залиаг калмау. Фыццаг сырды раз уый архайы, фыццаг сырдмӕ цы бартӕ ис, ахӕм бартӕй, ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты кувын кӕны, йӕ мӕлӕтдзаг цӕф кӕмӕн байгас, уыцы сырдмӕ. Ӕвдисы ахӕм диссӕгтӕ, ӕмӕ адӕмы цӕсты раз арвӕй зӕхмӕ ӕруадзы арт. Фыццаг сырды раз ын цы диссӕгтӕ ӕвдисыны бар лӕвӕрд ӕрцыд, уыдонӕй фӕливы зӕххон цӕрджыты, дзуры сын, цӕмӕй цирхъӕй цӕф чи уыд ӕмӕ ныр удӕгас чи у, уыцы сырды кадӕн саразой йӕ сурӕт. Ӕмӕ йын лӕвӕрд уыди фыццаг сырды сурӕты цард бауадзыны тых, сырды сурӕт дзыхӕй куыд сдзура ӕмӕ йӕм чи нӕ кувы, уыдоны иууылдӕр куыд марын кӕна, афтӕ. Дыккаг сырд домдзӕн, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр – хуымӕтӕг адӕм ӕмӕ номдзыдтӕн, хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕн, сӕрибартӕ ӕмӕ цагъартӕн – йӕ рахиз къухыл кӕнӕ тӕрныхыл ӕвӕрд ӕрцӕуа нысан. Уыцы нысан у сырды ном кӕнӕ сырды ном ӕвдисӕг нымӕц. Уый кӕуыл уа, уыдоны йеддӕмӕ нӕдӕр ӕлхӕныны, нӕдӕр уӕй кӕныны бар никӕмӕн уыдзӕн. Ӕмӕ залиаг калмы дзыхӕй, сырды дзыхӕй ӕмӕ мӕнгпехуымпары дзыхӕй рацӕугӕ федтон, галхӕфсыты хуызӕн чи уыд, ахӕм ӕртӕ ӕнӕзӕгъинаджы –
2. Иоанна
1
Выбор основного перевода