Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Ӕмӕ ныууадзой аргъӕуттӕ ӕмӕ рагфыдӕлты хӕдзарвӕндӕгты тыххӕй ранымай-банымайтӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕн фӕуӕн нӕй, расайынц ӕнӕпайда быцӕутӕ, ӕмӕ ахъаз не сты Хуыцауы хъуыддагӕн – уырнындзинады руаджы адӕмы ирвӕзын кӕнынӕн. О Тимофей, цы дын баргонд ӕрцыди, уый бахъахъхъӕн. «Зонынад» кӕй хонынц, ӕцӕгӕй та зонынадимӕ иумӕйагӕй кӕмӕн ницы ис, уый фӕдыл ӕлгъаг дзӕгъӕлы ныхӕсты ӕмӕ ӕнӕзонд быцӕуты ӕмгӕрон ма цу. Ӕлгъаг дзӕгъӕлы ныхӕстӕм ӕмгӕрон ма цу. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдон дардӕй-дарддӕр кӕнынц Хуыцауӕй. Ӕдзӕлгъӕд ӕмӕ ӕнӕфенд быцӕуты ӕмгӕрон ма цу; уыдон хъаугъатӕ кӕй расайынц, уый дын зындгонд у. Ӕмӕ ма хъусой иудейаг аргъӕуттӕм ӕмӕ ӕцӕгад ныууадзӕг адӕмы амындтӕм. Рагфыдӕлты хӕдзарвӕндӕгты тыххӕй ӕнӕсӕрфат ранымай-банымайӕ, Моисейы Ӕгъдауы фӕдыл быцӕутӕй ӕмӕ загъдӕй та дӕхи хиз – дзӕгъӕлы ӕмӕ ӕнӕпайда сты.
Выбор основного перевода