Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, асайой ӕвзӕрстыты дӕр. Ӕцӕгады Уд куы ӕрцӕуа, уӕд уын раргом кӕндзӕн ӕппӕт ӕцӕгад. Уымӕн ӕмӕ Йӕхи номӕй нӕ дзурдзӕн, фӕлӕ цы фехъуса, уый дзурдзӕн, ӕмӕ уын фехъусын кӕндзӕн, фидӕны цы уыдзӕн, уый. Уым диссагӕй ницы ис: хӕйрӕг дӕр йӕхи равдисы рухсы зӕдӕй. Мачи уӕ макуыд асайӕд. Уымӕн ӕмӕ уыцы бон нӕ ралӕудзӕни, цалынмӕ уырнындзинад ныууагъдӕуа ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕлӕууӕг, мӕлинаг, раргом уа, уӕдмӕ. Уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау цы Удӕй бахай кодта, уый нын тӕппуды хос нӕу, фӕлӕ нын дӕтты тых, уарзт ӕмӕ раст зонд. Нӕ зӕрдӕты цӕрӕг Сыгъдӕг Уды фӕрцы бахъахъхъӕн, дӕ бӕрны дын цы хӕзна бачындӕуыд, уый. Фыццаджыдӕр зонут, рӕстӕджы кӕрон кӕй фӕзындзысты, сӕ чъизи монцты дӕлбар чи уыдзӕн, ахӕм фауджытӕ. Уыдон уыл худдзысты: Мӕ сывӕллӕттӕ, рӕстӕджы кӕрон у. Сымах куыд фехъуыстат, афтӕмӕй ӕрцӕудзӕн Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Ӕмӕ ныр дӕр Чырыстийӕн фӕзынд бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ, ӕмӕ афтӕмӕй мах зонӕм, кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый.
Выбор основного перевода