Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Ӕркодтой сӕ апостолтӕм. Апостолтӕ сын бакуывтой ӕмӕ сыл ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ. Петр ӕмӕ Иоанн сыл ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ ӕмӕ уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй. Уыдӕттӕ дын, мӕ хъӕбул Тимофей, ӕз фӕдзӕхсын, дӕу тыххӕй цы пехуымпар ныхӕстӕ уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уыцы пехуымпар ныхӕстӕй разӕнгардӕй тох кӕн ӕнувыд хӕстонау. Уымӕ гӕсгӕ дын дӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын: мӕ къухтӕ дыл ӕрӕвӕрыны руаджы Хуыцау дӕуӕн кӕй радта, уыцы курдиаты арт ахуыссын ма бауадз.
Выбор основного перевода