Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Бирӕтӕ, цӕстфӕлдахӕг уӕйгӕнджытау, зыгъуыммӕ кӕнынц Хуыцауы ныхас. Мах уыдонӕй не стӕм – Хуыцауы номӕй ӕмӕ Хуыцауы раз дзурӕм сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕмудӕй. Ӕз афтӕ бардзырд дӕттыны хуызы нӕ зӕгъын, фӕлӕ иннӕтӕ ӕнувыд кӕй сты, уымӕй фӕлварын уӕ уарзт – зӕрдиаг у ӕви нӕ. Зӕгъын уын мӕ хъуыды: ацы хъуыддаг уӕ пайдайӕн у, уымӕн ӕмӕ йӕ суанг фарон фыццаг сымах райдыдтат, стӕй йӕ саразыны фӕнд дӕр фыццаг уӕхицӕй рацыд. Хуыцау мах бафӕлвӕрдта ӕмӕ нын бабар кодта фарны уац, ӕмӕ нӕ ныхас дӕр ахӕм у – архайӕм адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл нӕ, фӕлӕ нӕ зӕрдӕтӕ зонӕг Хуыцауы зӕрдӕ балхӕныныл. Ӕз арфӕ кӕнын, мӕнӕн тых Чи радта, нӕ уыцы Хицау Йесо Чырыстийӕн, иузӕрдионыл мӕ кӕй банымадта, Йӕ кусӕг мӕ кӕй скодта, уый тыххӕй. Ӕз Ӕй раздӕр фаудтон, зылдтӕн Йӕ фӕдыл ӕмӕ Йӕ ӕфхӕрдтон, фӕлӕ мын ныббарстӕуыд, уымӕн ӕмӕ цы кодтон, уый не 'мбӕрстон – уыдтӕн ӕнӕуырнӕг. Ӕмӕ мын хатыргонд дӕр уый тыххӕй ӕрцыд, цӕмӕй Йесо Чырысти фыццаг мӕныл равдиса, куыд бирӕбыхсаг у, уый, ӕмӕ мӕ хабар зондыхос уа, чи Йыл баууӕнда ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи райса, уыдонӕн.
Выбор основного перевода