Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уӕ зӕрдыл дарут: алчидӕр, цагъар уа ӕви сӕрибар, Хицауӕй райсдзӕни хорзӕх йӕ алы хорз хъуыддаджы тыххӕй дӕр. Цагъарады ӕфсондзы бын чи ис, уыцы цагъартӕ хъуамӕ алы ӕгъдауӕй дӕр нымайой сӕ хицӕутты, Хуыцауы номмӕ ӕмӕ нӕ ахуырадмӕ фау ӕрхӕссӕн куыд нӕ уа, афтӕ. Уырнӕг хицӕуттӕ кӕмӕн ис, уыдон сӕм ницӕмӕ дарыны цӕстӕй ма кӕсӕнт, се 'фсымӕртӕ кӕй сты, уый тыххӕй. Уый нӕ, фӕлӕ сын хъуамӕ кусой ноджы ӕнувыддӕрӕй, уымӕн ӕмӕ кӕмӕн лӕггад кӕнынц, уыдон уырнджытӕ ӕмӕ уарзон ӕфсымӕртӕ сты. Ууыл ахуыр кӕн уырнджыты, араз сӕ ахӕм зондыл.
Выбор основного перевода