Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Ӕмӕ базондзыстут ӕцӕгад, ӕмӕ уӕ ӕцӕгад ссӕрибар кӕндзӕн». Уӕдӕ Фырт сымах куы ссӕрибар кӕна, уӕд уыдзыстут ӕцӕг сӕрибар. Сымах суӕгъд стут тӕригъӕдӕй ӕмӕ систут рӕстады цагъартӕ. Фӕлӕ тӕригъӕдӕй суӕгъд стут ӕмӕ систут Хуыцауы цагъартӕ; ныртӕккӕ уӕ хӕрзиуӕг у сыгъдӕг цард, ӕппынфӕстаг та райсдзыстут мыггагмӕйы цард. Сӕ зӕрдӕ сын балхӕнынӕн цӕстмӕкуыст ма кӕнут, фӕлӕ сын кусут, Хуыцауы фӕндон ӕнувыдӕй чи ӕххӕст кӕны, Чырыстийы уыцы цагъартау. Ӕмӕ дын цагъар мауал уа, фӕлӕ цагъарӕй уӕлдӕр – уарзон ӕфсымӕр. Ӕз ӕй бирӕ уарзын, ды та йӕ ноджы фылдӕр бауарздзынӕ, канд адӕймагау нӕ, фӕлӕ Хицауимӕ кӕй ис, уый тыххӕй дӕр. Цӕрут сӕрибар адӕмау – Хуыцауы цагъартау. Фӕлӕ уӕ сӕрибар ӕвзӕр митӕ ма расайӕд.
Выбор основного перевода