Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Ӕз та уын зӕгъын: дӕ бафхӕрӕджы ныхмӕ ма рацу. Фӕлӕ дын дӕ рахиз ӕхсӕрфарс чи ныццӕва, уымӕ бадар иннӕ дӕр. Дӕ хӕдон байсыны тыххӕй дыл тӕрхондонмӕ чи бахъаст кӕна, уымӕн ратт дӕ пӕлӕз дӕр. Де 'хсӕрфарс дын чи ныццӕва, уымӕ бадар иннӕ дӕр. Ӕмӕ дын исчи дӕ пӕлӕз куы иса, уӕд ын ратт дӕ хӕдон дӕр. Йӕ фыдӕхӕн макӕмӕн фидут фыдӕхӕй. Ӕппӕт адӕмы цӕсты хорз цы у, архайут уый кӕныныл. Уӕ маст макӕмӕй исут, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, фӕлӕ йӕ бакӕнут Хуыцауы фыдӕхы ӕвджид. Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты Хицау зӕгъы: «Мӕ бар у маст исын, Ӕз ӕй бафхӕрдзынӕн». Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй фыдӕхӕн мачи фида фыдӕхӕй, фӕлӕ иудадзыг тырнут кӕрӕдзийӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хорз саразынмӕ.
Выбор основного перевода