Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Ӕмӕ кӕд мах Чырыстийау амардыстӕм ӕмӕ афтӕмӕй баиу стӕм Йемӕ, уӕд мӕрдтӕй дӕр райгас уыдзыстӕм, Уый куыд райгас, афтӕ, ӕмӕ баиу уыдзыстӕм Йемӕ. Ӕмӕ кӕд иугӕр Чырыстиимӕ амардыстӕм, уӕд ӕууӕндӕм, цӕргӕ дӕр Йемӕ кӕй кӕндзыстӕм, ууыл. Йесойы мӕрдтӕй Райгасгӕнӕджы Уд кӕд уӕ зӕрдӕты цӕры, уӕд Чырыстийы мӕрдтӕй Райгасгӕнӕг райгас кӕндзӕн уӕ мӕлӕтон буӕрттӕ дӕр, уӕ зӕрдӕты Чи цӕры, Йӕ уыцы Уды руаджы. Ӕмӕ кӕд мӕрдтӕн райгасы амал нӕй, уӕд мах дӕр Хуыцауӕн разыниккам мӕнгӕвдисӕнтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй дзуриккам, зӕгъгӕ, Уый райгас кодта, Кӕй нӕ райгас кодта, уыцы Чырыстийы. Фӕлӕ Чырысти мӕрдтӕй райгас – чи амарди, уыдонӕй фыццаг Уый райгас. Мах зонӕм: Хицау Йесойы Райгасгӕнӕг Йесоимӕ райгас кӕндзӕни мах дӕр, ӕмӕ нӕ уемӕ ӕрлӕууын кӕндзӕн Йӕ разы.
Выбор основного перевода