Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Фӕлӕ Йесо цы Кувӕндоны тыххӕй дзырдта, уый уыди Йӕ буар. Уӕд сеппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ райдыдтой дзурын ӕндӕр ӕвзӕгтыл, Уд сӕ куыд арӕзта, афтӕ. Махӕй йӕхицӕн ничи цӕры ӕмӕ йӕхицӕн ничи мӕлы. Кӕд цӕрӕм, уӕд Хицауӕн цӕрӕм, кӕд мӕлӕм, уӕд Хицауӕн мӕлӕм. Уӕдӕ цӕргӕ ӕви мӕлгӕ кӕнӕм – кӕддӕриддӕр Хицауы стӕм. Сымах Хуыцауы хӕдзар кӕй стут, ӕмӕ Хуыцауы Уд уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры, уый нӕ зонут, ӕви? Хуыцауы хӕдзарӕн мӕнгхуыцӕуттимӕ иумӕйагӕй цы ис? Мах та цардӕгас Хуыцауы хӕдзар стӕм, Хуыцау Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕ: «Сӕ зӕрдӕты ӕрбынат кӕндзынӕн ӕмӕ цӕрдзынӕн семӕ; ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм.
Выбор основного перевода