Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ ӕмӕ ӕппӕт дзугмӕ. Уыцы дзугӕн уӕ Сыгъдӕг Уд фыййӕуттӕй сӕвӕрдта – Хуыцау Йӕ Фырты Тугӕй Йӕхицӕн кӕй балхӕдта, хизут уыцы Аргъуан. Сымах стыр аргъӕй балхӕдӕуыд – ма сут цагъартӕ адӕймагӕн. Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй – нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл кӕйдӕриддӕр ӕрцауыгъдӕуыд, уый ӕлгъыст у». Ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, ӕз кӕй ницӕмӕй фегад уыдзынӕн, фӕлӕ раздӕрау ныр дӕр кӕй разындзынӕн ныфсджын, ӕмӕ мӕ фӕрцы снамысджын уыдзӕн Чырысти – кӕнӕ мӕ цардӕй, кӕнӕ мӕ мӕлӕтӕй.
Выбор основного перевода