26
Уӕдӕ цы зӕгъон, ӕфсымӕртӕ? Сымах куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд уӕ алкӕмӕ дӕр вӕййы кӕнӕ зарӕг, кӕнӕ зондамонӕн ныхас, кӕнӕ ӕндӕр ӕвзаг, кӕнӕ уыцы ӕвзаг бамбарын кӕныны курдиат, кӕнӕ искӕмӕн Хуыцауӕй исты раргом вӕййы. Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ фидар кӕной аргъуан.
Фыццаджыдӕр, ӕз хъусын, зӕгъгӕ, аргъуанмӕ куы ӕрцӕут, уӕд фӕкъордтӕ вӕййут, ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый мӕ иуырдыгӕй уырнгӕ дӕр кӕны.
Сымах иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд уын дзы Хицауы ӕхсӕвӕр нӕ рауайы –
Цыма алцӕмӕй дӕр уӕ разы нӕхи раст кӕнӕм, афтӕ уӕм кӕсы? Мах цы дзурӕм, уый, Чырыстиимӕ иугондӕй, Хуыцауы раз дзурӕм. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕппӕт уыдӕттӕ мах кӕнӕм уе сфидар кӕныны тыххӕй.
Цӕмӕй цӕттӕ кӕной сыгъдӕджыты, кусой Хуыцауӕн, ӕмӕ рӕза Чырыстийы Буар,