Мӕн фӕнды, ме 'фсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы курдиӕтты тыххӕй.
Иуӕн – диссӕгтӕ аразыны, иннӕмӕн – пехуымпарады, иннӕмӕн – уд Хуыцауӕй у ӕви нӕ, уый зоныны, иннӕмӕн – алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурыны, иннӕмӕн – ӕвзӕгтӕ ӕмбарын кӕныны курдиат.
Тырнут ахсджиагдӕр курдиӕттӕм. Ӕмӕ уын ӕз ныртӕккӕ бацамондзынӕн тӕккӕ ахъаззагдӕр фӕндаг.
Кӕд мӕм ис пехуымпар ныхас, зонын ӕппӕт сусӕгдзинӕдтӕ, ис мӕм алы зонынад, стӕй хӕхты ӕндӕр ран ӕрӕвӕрын кӕй бон у, ахӕм уырнындзинад, уарзт та мӕм нӕй, – уӕд ӕз ницы дӕн.
Уӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕвдисут уарзондзинад.