Моисей туджы ӕмбис ныккодта кӕхцыты, иннӕ ӕмбис та бапырх кодта нывондхӕссӕныл.
Стӕй райста Фидыды Чиныг ӕмӕ дзы адӕмӕн бакаст хъӕрӕй. Адӕм загътой: «Дунедарӕг цыдӕриддӕр загъта, уый бакӕндзыстӕм, кӕсдзыстӕм Йӕ коммӕ».
Моисей райста тугӕй, бапырх дзы кодта адӕмыл ӕмӕ загъта: «Ацы тугӕй фидаргонд цӕуы, Йеппӕт ӕгъдӕуттӕ кӕй ӕххӕст кӕндзыстут, уый тыххӕй Дунедарӕг цы фидыд сарӕзта, уый».
Ӕхсӕвӕры фӕстӕ райста сӕны кӕхц дӕр ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у ног фидыд – уый фидаргонд цӕуы, сымах сӕраппонд чи акӕлдзӕни, Мӕ уыцы Тугӕй.