Уыдонӕн сӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ бафыстӕуыдзӕн хӕрамӕй. Ӕхсызгон сын сты се 'рвылбоны хиирхӕфсӕнтӕ; ӕлгъаг ӕмӕ ӕгадгӕнджытӕ, райгонд вӕййынц сӕ фӕливӕн митӕй, уемӕ куы фӕцӕл кӕнынц, уӕд.
Ахӕмтӕ ӕлгъаг сты уӕ уарзты ӕхсӕвӕрты – ӕнӕфсармӕй цӕл кӕнынц уемӕ. Сӕ мӕт ӕрмӕстдӕр у сӕхиуыл, амардысты дыууӕ хатты; уыдон сты, дымгӕ кӕй хӕссы, ахӕм ӕнӕкъӕвда мигътӕ, бындзарӕй кӕй срӕдывдӕуыд, ахӕм ӕнӕдыргъ фӕззыгон бӕлӕстӕ,