Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Коринфянам
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Хуыцауы базоныны фӕндагыл цы систӕ самадӕуыд, уыдоны. Уымӕй исӕм уацары алы хъуыды ӕмӕ йӕ кӕнӕм Чырыстийӕн коммӕгӕс. Ме 'фсымӕртӕ, сымах нӕ намысджын Хицау Йесо Чырыстийыл ӕууӕндджытӕ стут ӕмӕ макӕй хъулон кӕнут. Зӕгъӕм, уе 'мбырдмӕ бацыд адӕймаг сызгъӕрин къухдарӕнимӕ, зынаргъ дарӕсы. Бацыд мӕгуыр дӕр бызгъуыр дарӕсы. Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, сымах уымӕ куы бакӕсат ӕмӕ йын куы зӕгъат: «Сбад ацы хорз бынаты», мӕгуырӕн та куы зӕгъат: «Ды уым слӕуу», кӕнӕ: «Ӕрбад ам, мӕ къӕхты раз», Уӕд, мыййаг, иуы иннӕмӕй нӕ уӕлдӕр кӕнут ӕмӕ галиу зондыл лӕуд тӕрхонгӕнджытӕ не свӕййут? Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.
1. Коринфянам
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Выбор основного перевода