Фӕлӕ Хуыцауы Фырт кӕй у, уый равдыстӕуыд Йӕ хъаруйӕ, сыгъдӕггӕнӕг Уды архайдӕй, мӕрдтӕй райгасӕй; Уый у нӕ Хицау Йесо Чырысти.
Фарны уац кӕй хъусын кӕнын, уый худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ уый алы уырнӕгӕн дӕр, фыццаджыдӕр иудейӕн, стӕй муртатӕн дӕр, у Хуыцауы ирвӕзындӕттӕг тых.
Зонды ӕмӕ зонынады ӕппӕт арфӕвӕрд хӕзнатӕ Чырыстимӕ сты.