Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Коринфянам
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ ӕппӕт адӕмты скӕнут Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Аргъаут сыл Фыды, Фырты ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номыл; Уӕвгӕ Йесо Йӕхӕдӕг нӕ аргъуыдта, фӕлӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, – Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй аргъуыд райсой Йесо Чырыстийы номыл. Уый фӕстӕ фысымтӕ ӕрхатыдысты Петрмӕ цалдӕр боны сӕм баззайыны тыххӕй. Ӕмӕ уӕм ӕз дӕр, ӕфсымӕртӕ, куы ӕрцыдтӕн Хуыцауы сусӕгдзинад фехъусын кӕнынмӕ, уӕд ӕй рӕсугъд ныхӕсты ӕмӕ адӕймаджы зонды руаджы нӕ хъусын кодтон. Ӕмӕ фарны уац хъусын кодтон зондджын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ мӕ ныхас фидаргонд уыди Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ, Ӕмӕ ууыл мах дзурӕм, адӕймаджы зонд нӕ цы ныхӕстыл сахуыр кодта, уыдонӕй нӕ, фӕлӕ нын Сыгъдӕг Уд цы ныхӕстӕ бацамыдта, уыдонӕй. Удӕй цы у, уый ӕмбарын кӕнӕм Удӕй хайджынтӕн. Мах уын нӕ Хицау Йесо Чырыстийы тыхы ӕмӕ ӕрцыды тыххӕй куы дзырдтам, уӕд кӕйдӕр къӕбӕлдзыг фӕливӕн аргъӕуттӕ нӕ фӕзмыдтам – нӕхи цӕстӕй Йын федтам Йе стыр намыс.
1. Коринфянам
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Выбор основного перевода