Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Коринфянам
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Ӕмӕ уыдоны сӕраппонд Ӕз Мӕхи Дӕуӕн дӕттын нывондӕн, уыдон дӕр ӕцӕгады фӕрцы Дӕу куыд бауой, афтӕ. Стефаныл цавтой дуртӕ, уый та куывта: «Хицау Йесо, айс мын мӕ уд». Ныр ам ис, ӕмӕ йын алчертӕй рардӕуыд бар, цӕмӕй Дӕ ном чидӕриддӕр ары, уыдоны ӕрцахса». Хуыцау махмӕ дӕр ӕмӕ уыдонмӕ дӕр иу цӕстӕй кӕсы, уымӕн ӕмӕ сын уырнындзинадӕй ссыгъдӕг кодта сӕ зӕрдӕтӕ. Уый фӕстӕ Павел ныууагъта Афинтӕ ӕмӕ араст Коринфмӕ. Ӕз фыссын, Хуыцау кӕй бауарзта ӕмӕ ӕрхуыдта, Ромы уыцы сыгъдӕджытӕн сеппӕтмӕ дӕр. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ. Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты, фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг ӕмӕ сраст стут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕмӕ нӕ Хуыцауы Уды руаджы. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау мах сӕвзӕрста чъизи цардӕй цӕрынмӕ нӕ, фӕлӕ сыгъдӕг цардӕй цӕрынмӕ. Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хицау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Хицауы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕды мауал ӕфтӕд».
1. Коринфянам
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Выбор основного перевода