Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Ӕмӕ уӕ Ӕгъдауы дӕр фыст ис, дыууӕ адӕймаджы ӕвдисӕнад раст у, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ фыдӕхы сусӕг тыхтӕ скуыстой ныридӕгӕн, фӕлӕ цы хъуамӕ уа, уый нӕма уыдзӕни, Хуыцауы ныхмӕлӕууӕджы ныртӕккӕ чи уромы, уый цалынмӕ ист ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Мӕ сывӕллӕттӕ, рӕстӕджы кӕрон у. Сымах куыд фехъуыстат, афтӕмӕй ӕрцӕудзӕн Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Ӕмӕ ныр дӕр Чырыстийӕн фӕзынд бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ, ӕмӕ афтӕмӕй мах зонӕм, кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый. Йесо, дам, Чырысти нӕу чи зӕгъы, уый кӕд нӕу сайӕгой, уӕд ма сайӕгой та чи у? Уыцы сайӕгой Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг у. Уый йӕхи тигъ кӕны Фыдыл дӕр ӕмӕ Фыртыл дӕр. Уымӕн ӕмӕ дунейы фӕзынди, Йесо Чырысти адӕймаджы буары не 'рцыд, зӕгъгӕ, чи дзуры, бирӕ ахӕм фӕливджытӕ: ахӕм адӕймаг у фӕливӕг ӕмӕ Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг.
Выбор основного перевода