Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Уӕхи хизут, фысдзармы уӕм чи ӕрцӕуы, мидӕгӕй та тугдзых бирӕгъ чи у, уыцы мӕнгпехуымпартӕй. Йесо сын дзуапп радта: «Уӕхи хизут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа. Раиртасут алцыдӕр ӕмӕ хӕцут, хуыздӕр цы у, ууыл. Израилаг адӕмы ӕхсӕн мӕнгпехуымпартӕ куыд уыдис, афтӕ сымахӕн дӕр уыдзӕн мӕнгахуыргӕнджытӕ; уыдон ӕрхӕсдзысты семӕ мӕлӕтмӕ тӕрӕг мӕнгахуырӕдтӕ, сӕхи атигъ кӕндзысты сӕрибар сын ӕрхӕссӕг Хицауыл, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи ӕвиппайды бакӕндзысты мӕлӕты амӕддаг. Мӕ сывӕллӕттӕ, рӕстӕджы кӕрон у. Сымах куыд фехъуыстат, афтӕмӕй ӕрцӕудзӕн Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Ӕмӕ ныр дӕр Чырыстийӕн фӕзынд бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ, ӕмӕ афтӕмӕй мах зонӕм, кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый. Уымӕн ӕмӕ дунейы фӕзынди, Йесо Чырысти адӕймаджы буары не 'рцыд, зӕгъгӕ, чи дзуры, бирӕ ахӕм фӕливджытӕ: ахӕм адӕймаг у фӕливӕг ӕмӕ Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг.
Выбор основного перевода