Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты, [уе 'лгъитджытӕн хорзӕх курут Хуыцауӕй, хорз кӕнут, сымахӕй йе сӕфт чи уыны, уыдонӕн,] кувут уе 'фхӕрджыты тыххӕй.
Ӕмӕ уӕд уыдзыстут уӕ Уӕларвон Фыды хъӕбултӕ – Уый хур скӕсын кӕны хӕрзтыл дӕр ӕмӕ ӕвзӕртыл дӕр, къӕвда рауадзы рӕстытыл дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтыл дӕр.
Йесо йын дзуапп радта: «Тӕккӕ сӕйрагдӕр мӕнӕ ацы фӕдзӕхст у: „Байхъус, Израил! Нӕ Хицау Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй.
Ӕмӕ уарз дӕ Хицау Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ".
Дыккаг фӕдзӕхст та ахӕм у: „Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ". Уыдонӕй ахсджиагдӕр фӕдзӕхст нӕй».
Дӕттын уын ног фӕдзӕхст: кӕрӕдзи уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ кӕрӕдзи уарзут.
Райдианӕй мӕнӕ уыцы уац фехъуыстат: мах хъуамӕ уарзӕм кӕрӕдзи.