Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Параллельные места
Къӕрцхъус ут, уӕд уӕм фидар уырнындзинад, ут ӕхсарджын ӕмӕ хъӕддых. Уый тыххӕй уӕхи сифтонг кӕнут Хуыцауы хотыхтӕй, цӕмӕй фыдбылызы бон куы ралӕууа, уӕд уӕм разына ныхмӕ ӕрлӕууыны хъару, фӕуӕлахиз уат ӕппӕтыл дӕр, ӕмӕ ма фӕцудат. Уӕдӕ фидар лӕуут, уӕ астӕутӕ ӕрбалвасут ӕцӕгадӕй, уӕ уӕлӕ скӕнут рӕстады згъӕрхӕдон. Уӕдӕ зӕрдӕйӕ кӕй уындмӕ бӕллын, мӕ цин ӕмӕ мӕ хӕрзиуӕг чи у, мӕ уыцы уарзон ӕфсымӕртӕ, фидар лӕуут, Хицауыл ӕууӕндгӕйӕ.
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода