Фӕлӕ мӕм мӕ цард ницы кӕсы, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ, ӕмӕ мын Хицау Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый бакӕнынмӕ – Хуыцауы хорзӕхы уац адӕммӕ фӕхӕссынмӕ.
Ӕфсымӕртӕ, сымах дӕр систут, Йесо Чырыстийӕн Иудейӕйы чи ис, Хуыцауы уыцы аргъуантау – ӕфхӕрд уӕхи адӕмӕй баййӕфтат, уыдон дӕр иудейтӕй ӕфхӕрд куыд баййӕфтой, афтӕ.