Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Параллельные места
Ацух уӕ кӕндзысты синагогӕтӕй. Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг дӕр, ӕмӕ уӕ чидӕриддӕр мара, уый ӕнхъӕл уыдзӕн, цыма уымӕй Хуыцауӕн кусы. Ӕз ын равдисдзынӕн, Мӕ номы сӕраппонд цас тухӕнтӕ хъуамӕ бавзара, уый». Уымӕн ӕмӕ мӕнмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ мах, апостолты, Хуыцау сӕвӕрдта тӕккӕ цауддӕрты бынаты – цыма нын рахастӕуыд, адӕм нӕм куыд кӕсой, афтӕмӕй амарыны тӕрхон. Махыл йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта дун-дуне – зӕдтӕ ӕмӕ адӕм. Уымӕ гӕсгӕ уӕ курын: уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, мӕ уыцы тухӕнтӕ уын уӕ ныфс ма асӕттӕнт – уыдоны фӕрцы схайджын уыдзыстут намысӕй. Ӕниу, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иумӕ уӕвын кӕй фӕнды, уыдон сеппӕт дӕр ӕййафдзысты ӕфхӕрд. Мах та, фӕстӕмӕ чи ахӕцы ӕмӕ мӕлӕтмӕ чи цӕуы, уыдонӕй не стӕм, фӕлӕ фидар хӕцӕм нӕ уырнындзинадыл, цӕмӕй фервӕзын кӕнӕм нӕ удтӕ.
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода