Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Параллельные места
Ныр та уӕм, ӕфсымӕртӕ, хатӕм ӕмӕ уын лӕгъстӕ кӕнӕм Йесо Чырыстийы номӕй: куыд цӕрын хъӕуы ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын хъӕуы, ууыл уӕ мах куыд сахуыр кодтам, кӕд цӕргӕ дӕр афтӕ кӕнут, уӕддӕр ут ноджы ӕнувыддӕр. Ӕфсымӕрты уарзыны тыххӕй уӕм фыссын уӕвгӕ дӕр нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ кӕрӕдзийы уарзын сымахӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у. Ӕмӕ ныр сымах ахӕм цӕстӕй кӕсут ӕгас Македонийы ӕппӕт ӕфсымӕртӕм. Курӕм уӕ, ӕфсымӕртӕ: ут ноджы ӕнувыддӕр, Хуыцауыл ӕнувыдӕй уӕлдай узӕлут ӕфсымӕртыл, ӕфсымӕртыл узӕлынӕй уӕлдай уарзут алкӕй дӕр. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕдӕ уарзӕм кӕрӕдзи, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад Хуыцауӕй у. Чидӕриддӕр уарзы, уый Хуыцауӕй райгуырд ӕмӕ зоны Хуыцауы. Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ кӕрӕдзи куы уарзӕм, уӕд Хуыцау ис немӕ ӕмӕ Йӕ уарзт та ӕххӕстӕй цӕры нӕ зӕрдӕты.
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода