Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Хуыцау загъта Моисейӕн: «Дӕ къух радар мысыраг зӕхмӕ, ӕмӕ мӕтыхтӕ ӕрбабырсдзысты мысыраг бӕстӕмӕ, бахӕрдзысты ӕппӕт зайӕгойтӕ, ихы фӕстӕ ма цы аирвӕзт, уый». Моисей йӕ лӕдзӕг радардта мысыраг зӕхмӕ, ӕмӕ Хуыцау Мысырмӕ рауагъта, уыцы бон ӕмӕ ӕхсӕвы дӕргъы чи нӕ банцад, ахӕм скӕсӕйнаг дымгӕ. Куы ӕрбабон, уӕд скӕсӕйнаг дымгӕ йемӕ ӕрхаста мӕтыхты. Мӕтыхтӕ сӕхи ныццавтой ӕппӕт мысыраг зӕххыл; афтӕ бирӕ уыдысты, ӕмӕ зӕхх ӕппындӕр нал зынди. Уӕды онг сӕм никуы уыди уыйбӕрц мӕтыхтӕ, ӕмӕ сӕм уый фӕстӕ дӕр нӕ уыдзӕни. Зӕхх фӕци мӕтыхты бын ӕмӕ сау адардта – мӕтыхтӕ бахордтой, ихы фӕстӕ ма зӕххыл цы баззад, ӕппӕт уыцы кӕрдӕг ӕмӕ бӕлӕсты дыргътӕ. Ӕппӕт мысыраг зӕххыл нӕдӕр цъӕх сыфтӕр баззади бӕлӕстыл, нӕдӕр быдираг кӕрдӕджы хал. Мӕтыхты къӕдзилтӕ уыдысты скорпионты къӕдзилтау фӕттимӕ; ӕмӕ сӕм уыд адӕмӕн фондз мӕйы знаггад кӕныны тых.
Выбор основного перевода