Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фыццаг зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ зӕххыл ныууарыд их ӕмӕ арт тугӕмхӕццӕйӕ. Басыгъд зӕххы ӕртыццаг хай, басыгъд бӕлӕсты ӕртыццаг хай, басыгъд цъӕх кӕрдӕг ӕгасӕй дӕр. Дыккаг зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ стыр хохы хуызӕн цыдӕр, пиллон арт уадзгӕйӕ, ныххаудта денджызы ӕмӕ денджызы ӕртыццаг хай фестад туг. Денджызы удӕгасӕй цы уыд, уыдонӕн амард се 'ртыццаг хай, бабын науты ӕртыццаг хай. Ӕртыккаг зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ арвӕй судзгӕ цырагъау рахауди стыр стъалы, ӕмӕ ныххаудта цӕугӕдӕтты ӕртыццаг хайы ӕмӕ суадӕтты. Уыцы стъалыйы ном у Скъӕлдзой. Дӕтты ӕртыццаг хай скъӕлдзойау смаст, ӕмӕ уыцы маст донӕй фӕцагъды бирӕ адӕм. Цыппӕрӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ хуры ӕртыццаг хай, мӕйы ӕртыццаг хай, стъалыты ӕртыццаг хай фӕсахъат. Сӕ рухс афтӕ бамынӕг, ӕмӕ боны ӕмӕ ӕхсӕвы ӕртыццаг хай дӕр уыди талынг. Ӕмӕ сӕ комӕй цы ӕртӕ рыны калди, уыдонӕй – арт, фӕздӕг ӕмӕ сондонӕй – амард адӕмы ӕртыццаг хай.
Выбор основного перевода