Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Сараз будсудзӕн нывондхӕссӕн; сараз ӕй акъацийӕ; Йӕ дӕргъ – ӕлмӕрин, йӕ уӕрх – ӕлмӕрин; хъуамӕ уа цыппӕрдигъон, йӕ бӕрзӕнд – дыууӕ ӕлмӕрины; йӕхицӕй йыл хъуамӕ уа сыкъатӕ. Сӕвдул ӕй сыгъдӕг сыгъзӕриндоны – сӕвдул ын йӕ сӕр, йӕ фӕрстӕ ӕмӕ йӕ сыкъатӕ; сӕвӕр ыл сыгъзӕрин тӕлм. Чиныг куы райста, уӕд цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры адӕлгом сты Уӕрыччы раз. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕндыр, стӕй будӕй дзаг сызгъӕрин будсудзӕнтӕ – сыгъдӕджыты куывдтытӕ. Уӕрыкк фӕндзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд нывондхӕссӕны бын федтон, Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕмӕ се 'вдисӕнады тыххӕй кӕй амардӕуыд, уыдоны удтӕ.
Выбор основного перевода