Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Хуыцау загъта Моисейӕн: «Дӕ къух сдар арвмӕ, ӕмӕ мысыраг зӕххыл анхъӕвздзӕн, ӕрмӕст куырмӕджы цӕуӕн кӕм уа, ахӕм саудалынг». Моисей йӕ къух сдардта арвмӕ, ӕмӕ ӕппӕт мысыраг зӕххыл ӕртӕ боны дӕргъы уыди саудалынг. Адӕм кӕрӕдзи нал уыдтой, ӕмӕ ӕртӕ боны йӕ бынатӕй ничи фезмӕлыд; ӕппӕт израилӕгтӕ кӕм цардысты, уым та рухс уыди. Уыцы бӕллӕхты хӕдуӕлвӕд баталынг уыдзӕни хур, мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, стъалытӕ ӕрхаудзысты арвӕй, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты. Уӕд, уыцы бӕллӕхты фӕстӕ, баталынг уыдзӕни хур, мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, Стъалытӕ хаудзысты арвӕй, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты. Уыдзӕн ӕвдисӕйнӕгтӕ хурыл, мӕйыл ӕмӕ стъалытыл; зӕххыл та адӕм сау катайы бафтдзысты, фӕйлаугӕ денджызы уынӕрӕй ницыуал зондзысты сӕ сӕрӕн. Уӕрыкк ӕхсӕзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд федтон: зӕхх тынг нынкъуыст, хур ныттар сау хъисынау ӕмӕ мӕй ӕнӕхъӕнӕй ныссырх тугау. Стъалытӕ арвӕй ӕрхаудтой зӕхмӕ, тыхджын дымгӕ легъуийы куы ныууигъы, уӕд йӕ цъӕх дыргътӕ куыд ӕрызгъӕлынц, афтӕ.
Выбор основного перевода