Ӕрбацыд ӕндӕр зӕд сызгъӕрин будсудзӕнимӕ ӕмӕ ӕрлӕууыд нывондхӕссӕны раз. Лӕвӕрд ӕм ӕрцыд бирӕ буд, цӕмӕй йӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты куывдимӕ ӕрӕвӕра, паддзахы бадӕны раз цы сызгъӕрин нывондхӕссӕн уыди, ууыл.
Буды фӕздӕг сыгъдӕджыты куывдимӕ зӕды къухӕй фӕцыд хӕрдмӕ, Хуыцаумӕ.