Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ды ӕрыгон домбай дӕ, Иуда, ӕрыгон домбай, дӕ амӕттагӕй уӕлахизимӕ ӕрбаздӕхыс, мӕ фырт. Иуда домбайау зӕхмӕ нылхъывта йӕхи ӕмӕ ӕрхуыссыд. Иуда сылдомбайау у, ӕмӕ йӕ чи сыстын кӕндзӕни? Паддзахиуӕг Иуда кӕндзӕн, ӕмӕ паддзахы лӕдзӕг йӕ байзӕддагмӕ уыдзӕн; уӕдмӕ ӕрцӕудзӕн, Паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый, ӕмӕ адӕмтӕ ӕрзоныг уыдзысты Йӕ разы. Йесо Чырыстийы – Авраам ӕмӕ Давиды байзӕддаджы – хӕдзарвӕндаг. Исай дӕр зӕгъы: «Фӕзындзӕн Иессейы Ӕвзар ӕмӕ муртаттыл кӕндзӕн ӕлдариуӕг; муртаттӕ Йыл дардзысты сӕ зӕрдӕ». Нӕ Хицау хурау Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй кӕй скасти, уый бӕлвырд у. Уыцы хӕдзарвӕндагӕй сауджынтӕ кӕй уыдзӕни, Моисей уый тыххӕй ницы загъта. «Ӕз, Йесо, Мӕ зӕды арвыстон ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сымахӕн аргъуанты зӕгъынмӕ. Ӕз дӕн Давиды Ӕвзар ӕмӕ Байзӕддаг, тӕмӕнкалгӕ Бонвӕрнон».
Выбор основного перевода