Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Сымах та Мын уыдзыстут лӕггадгӕнджыты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм“. Уыцы ныхӕстӕ радзур бӕлвырд израилаг адӕмӕн». Ӕмӕ сымах дӕр, удӕгас дуртау, уӕхи раттут Хуыцауӕн уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн, уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывондтӕ – лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй. Сымах та стут «ӕвзӕрст мыггаг, лӕггадгӕнджытӕ Паддзахӕн, Хуыцау Йӕхи кӕй бакодта, уыцы сыгъдӕг адӕм», талынгӕй уӕ Йӕ диссаджы рухсмӕ Ӕрхонӕджы алӕмӕты хъуыддӕгты тыххӕй куыд хъусын кӕнат. Скодта нӕ паддзӕхтӕ, Йӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Фыдӕн лӕггадгӕнджытӕ. Кад ӕмӕ Йын Паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн дыккаг мӕлӕтӕй тас нӕу".
Выбор основного перевода