Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо сын ногӕй загъта: «Ӕз цӕуын, агурдзыстут Мӕ, фӕлӕ амӕлдзыстут уӕ тӕригъӕдимӕ. Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм ӕрцӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн». Гъе, Ӕз уын уымӕ гӕсгӕ загътон, сымах амӕлдзыстут уӕ тӕригъӕдтимӕ, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ ӔЗ ДӔН, ӕмӕ ууыл куы нӕ баууӕндат, уӕд амӕлдзыстут уӕ тӕригъӕдтимӕ». Бабын уыдзӕн фӕстаг знаг – мӕлӕт. «Мӕлӕт! Кӕм ис дӕ уӕлахиз? Мӕлӕт! Кӕм ис дӕ маргджын фат?» Ӕз федтон фӕлурс бӕх; йӕ барӕджы ном – мӕлӕт. Мӕрдтыбӕстӕ цыдис йӕ фӕдыл, ӕмӕ сын лӕвӕрд уыди зӕххы цыппӕрӕм хайыл цирхъы ӕмӕ стонджы, рыны ӕмӕ зӕххон сырдты фӕрцы марыны бар. Тӕппудтӕн ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕн, ӕлгъӕгтӕн ӕмӕ лӕгмартӕн, хӕлд адӕмӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕн ӕмӕ ӕппӕт фӕлитойтӕн та сӕ бынат у судзгӕ сондоны цады. Уый у дыккаг мӕлӕт».
Выбор основного перевода