Зындоны хъизӕмар кӕнгӕйӕ, уый акаст ӕмӕ дардмӕ ауыдта Авраамы, йӕ фарсмӕ та – Лазыры.
Ууыл дис ма кӕнут. Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ ингӕнты чи ис, уыдон сеппӕт дӕр фехъусдзысты Йӕ хъӕлӕс,
Ӕмӕ хӕрзгӕнджытӕ райгас уыдзысты цӕрынмӕ, фыдгӕнджытӕ та – ӕфхӕрд баййафынмӕ.