Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ ахӕмтӕ сты мӕнгапостолтӕ, фӕлитой кусджытӕ, сӕхи ӕвдисынц афтӕ, цыма Чырыстийы апостолтӕ сты. Нӕ Фыд Хуыцауы раз мах иудадзыг нӕ зӕрдыл дарӕм, уырнындзинад кӕмӕ разӕнгард кӕны, уӕ уыцы хъуыддӕгтӕ, уарзт кӕмӕ аразы, уӕ уыцы фӕллой, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ныфсӕй фӕразон кӕй стут, уый. Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хицау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Хицауы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕды мауал ӕфтӕд». Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы удӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы. Сардисы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Хуыцауы авд уды ӕмӕ авд стъалыйы Кӕмӕ сты, Уый афтӕ зӕгъы: зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ; ды хӕссыс удӕгасы ном, фӕлӕ мард дӕ. Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ. Мӕнӕ дын Ӕз байгом кодтон дуар ӕмӕ йӕ сӕхгӕнын никӕй бон бауыдзӕн. Дӕумӕ бирӕ тых нӕй, уӕддӕр хъуыстай Мӕ ныхасмӕ ӕмӕ Мыл дӕхи нӕ атигъ кодтай.
Выбор основного перевода