Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Моисей Ааронӕн загъта: «Райс иу дурын, ныккӕн дзы маннӕйы гомер, ӕмӕ йӕ сӕвӕр Дунедарӕджы раз, нӕ фидӕны фӕлтӕртӕн ӕвдисӕйнагӕн». Ӕмӕ маннӕйы дурын Аарон сӕвӕрдта фидыды къӕйдурты раз, Моисейӕн Хуыцау куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Йесо сын загъта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: уӕларвӕй уын дзул Моисей нӕ радта, фӕлӕ уын уӕларвӕй Мӕ Фыд дӕтты ӕцӕг дзул. Уымӕн ӕмӕ уӕларвӕй чи ӕрцӕуы ӕмӕ дунейӕн цард чи дӕтты, уый у Хуыцауы дзул». Мӕ нысан у Чырыстийы ӕмӕ мӕрдтӕй Йӕ райгасгӕнӕг тых базонын, Йӕ хъизӕмӕрттӕ бавзарын, Уый куыд амарди, афтӕ амӕлын, Уыди дзы сызгъӕрин будсудзӕн ӕмӕ фидыды Чырын, йеппӕт фӕрстыл дӕр – сызгъӕрин цъар. Йӕ мидӕг уыдысты сызгъӕрин къус маннӕимӕ, Аароны билцъӕфтыд лӕдзӕг ӕмӕ, фӕдзӕхстытӕ цы къӕйтыл фыст уыдысты, уыдон. Уӕлахиздзауы скӕндзынӕн Мӕ Хуыцауы Кувӕндоны цӕджындз, ӕмӕ дзы никуал рацӕудзӕн. Ныффысдзынӕн ыл Мӕ Хуыцауы ном, уӕларвӕй, Мӕ Хуыцауӕй, чи ӕрцӕудзӕн, Мӕ Хуыцауы уыцы ног Иерусалимы сахары ном ӕмӕ Мӕ ног ном.
Выбор основного перевода