Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
«Йӕ фыртӕн чындзӕхсӕв чи сарӕзта, Уӕларвон Паддзахад уыцы паддзахы хуызӕн у. Уыдон ӕлхӕнынмӕ куы ацыдысты, уӕд ӕрхӕццӕ сиахсаг, цӕттӕ чызджытӕ йемӕ бацыдысты чындзӕхсӕвмӕ, ӕмӕ дуар сӕхгӕдӕуыд. Йесо йын загъта: «Иу адӕймаг арӕзта стыр куывд ӕмӕ ӕрхуыдта бирӕты. Усаг кӕмӕн ис, уый сиахсаг у. Сиахсаджы хӕлар та лӕууы сиахсаджы фарсмӕ, хъусы йын йӕ хъӕлӕс ӕмӕ цин кӕны. Афтӕ нӕй кӕрон мӕ цинӕн. Ӕз уыл ӕнувыд дӕн; Хуыцауы куыд нӕ фӕнды, афтӕ мӕн дӕр нӕ фӕнды, ӕмӕ ма уыл ӕндӕр искӕй бар дӕр цӕуа. Ӕз сымах иу Лӕгӕн – Чырыстийӕн – ӕрцӕттӕ кодтон ӕмкъайӕн, цӕмӕй уӕ ӕнӕкъӕм чызгӕй ӕрлӕууын кӕнон Йӕ разы. Ӕз фехъуыстон, бирӕ адӕм цыма хъӕрӕй дзырдтой, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс: «Аллилуйа! Дунедарӕг Хицау Хуыцау сси паддзах! Уӕдӕ цин кӕнӕм, хъӕлдзӕг уӕм ӕмӕ Йын скӕнӕм кад. Уымӕн ӕмӕ ӕрцыд Уӕрыччы чындзӕхсӕвы рӕстӕг, ӕмӕ Йӕ Усаг йӕхи ӕрцӕттӕ кодта. Радтой йын сыгъдӕг ӕмӕ ӕрттиваг кӕттагӕй дарӕс скӕныны бар». Уыцы кӕттаг та у сыгъдӕджыты рӕстад.
Выбор основного перевода