Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фарны уац кӕй хъусын кӕнын, уый худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ уый алы уырнӕгӕн дӕр, фыццаджыдӕр иудейӕн, стӕй муртатӕн дӕр, у Хуыцауы ирвӕзындӕттӕг тых. «Ды намысы ӕмӕ кады аккаг дӕ, нӕ тыхджын Хицау ӕмӕ нӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Ды сфӕлдыстай, ӕппӕт дӕр сфӕлдыстӕуыд ӕмӕ ӕппӕт дӕр цӕры Дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ». Уӕрыкк фӕндзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд нывондхӕссӕны бын федтон, Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕмӕ се 'вдисӕнады тыххӕй кӕй амардӕуыд, уыдоны удтӕ. Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Паддзахы бадӕны Чи бады, нӕ уыцы Хуыцау ӕмӕ Уӕрыкк сты ирвӕзынгӕнӕг!» «Амен! Табу, намыс ӕмӕ кад мыггагӕй-мыггагмӕ нӕ зондджын, арфӕгонд, тыхджын ӕмӕ хъомысджын Хуыцауӕн! Амен!» Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Хицауы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕн мыггагӕй-мыггагмӕ». Ӕз фехъуыстон, уӕларвы хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Ныр ралӕууыд, нӕ Хуыцау кӕд ирвӕзын кӕны, уыцы рӕстӕг, Йӕ тыхы ӕмӕ паддзахиуӕгады, Йӕ Чырыстийы ӕлдариуӕгады рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ раппӕрстӕуыд не 'фсымӕртыл цъыфкалӕджы, ӕхсӕвӕй-бонӕй сыл нӕ Хуыцауы раз цъыф чи калдта, уый. Цин кӕнут уый тыххӕй, уӕларв, сыгъдӕджытӕ, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ, уымӕн ӕмӕ уын уый цы тӕрхон рахаста, ахӕм тӕрхон ын рахаста Хуыцау.
Выбор основного перевода