Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕдӕ Хуыцауӕн ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕгъстӕ чи кӕны, Йӕ уыцы ӕвзӕрстыты нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ӕви? Мыййаг, афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ Йӕм бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсой? Зӕгъын уын, рӕхджы сын баххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ Адӕймаджы Фырт куы ӕрцӕуа, уӕд ма зӕххыл уырнындзинад ссардзӕн, цымӕ?» Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Сыгъдӕг ӕмӕ ӕцӕг Дунедарӕг, кӕдмӕ у Дӕ каст, зӕххон цӕрджытӕн тӕрхон цӕуылнӕ рахӕссыс ӕмӕ сӕ нӕ туг цӕуылнӕ райсыс?» Муртатты маст рафыхт, ӕмӕ ралӕууыд Дӕ азар, мӕрдтӕн тӕрхон хӕссыны, Дӕ цагъар пехуымпартӕн, сыгъдӕджытӕн, Дӕуӕй тӕрсджытӕн – хуымӕтӕгтӕн ӕмӕ номдзыдтӕн – мызд раттыны, бӕстӕ сафджыты фесафыны рӕстӕг». Ӕмӕ зарынц Хуыцауы цагъар Моисейы зарӕг ӕмӕ Уӕрыччы зарӕг: «Стыр ӕмӕ диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Дунедарӕг Хицау Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты Дӕ фӕндӕгтӕ, адӕмты Паддзах! Нывондхӕссӕнӕй мӕм райхъуыст: «О, Дунедарӕг Хицау Хуыцау, раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Дӕ тӕрхӕттӕ». Ӕмӕ авд кӕхцы кӕмӕ уыд, уыцы авд зӕдӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕз дын фенын кӕнон, бирӕ дӕттыл чи бады, уыцы стыр хъахбаймӕ цы ӕфхӕрд ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.
Выбор основного перевода