Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау загъта Аврамӕн: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хӕстӕджыты, дӕ фыды хӕдзар ӕмӕ ацу, Ӕз дын цы зӕхх бацамондзынӕн, уырдӕм. Уазджытӕ Лотӕн загътой: «Ам ма дын чи ис? Дӕ сиӕхстӕ, дӕ фырттӕ, дӕ чызджытӕ кӕнӕ ма дын ӕндӕр исчи сахары ис? Акӕн сӕ ацы бынатӕй. Мах ацы бынат фесафдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ йыл Хуыцаумӕ стыр хъаст ссыди, ӕмӕ мах рарвыста йӕ фесафынмӕ». Лот рацыд, йӕ чызджыты йын чи хъуамӕ ракуырдтаид, йӕ уыцы сиахсӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Сыстут ӕмӕ ацӕут ацы бынатӕй: Хуыцау рӕхджы фесафдзӕн ацы сахар». Фӕлӕ йын уыдон йӕ ныхӕстӕ хъазынмӕ бамбӕрстой. Боныцъӕхтыл зӕдтӕ дзырдтой Лотӕн, цӕмӕй фӕтагъддӕр кӕна: «Рӕвдздӕр акӕн ардыгӕй дӕ усы, демӕ чи ис, дӕ уыцы дыууӕ чызджы, науӕд фесӕфдзынӕ ацы тӕригъӕдджын сахаримӕ». Ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы уӕхи ма сифтындзут. Рӕстдзинад ӕмӕ тӕригъӕдӕн, рухс ӕмӕ талынгӕн иумӕйагӕй исты ис, мыййаг? Чырыстийӕн велиаримӕ бафидауӕн ис, мыййаг? Кӕнӕ уырнӕджы цы бӕтты ӕнӕуырнӕгимӕ? Хуыцауы хӕдзарӕн мӕнгхуыцӕуттимӕ иумӕйагӕй цы ис? Мах та цардӕгас Хуыцауы хӕдзар стӕм, Хуыцау Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕ: «Сӕ зӕрдӕты ӕрбынат кӕндзынӕн ӕмӕ цӕрдзынӕн семӕ; ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм. Уымӕ гӕсгӕ рацӕут се 'хсӕнӕй ӕмӕ сӕ рахицӕн ут, зӕгъы Хицау, чъизи цы у, уымӕй уӕхи хизут, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕркӕндзынӕн Мӕхимӕ.
Выбор основного перевода