Ӕз федтон ӕндӕр зӕды дӕр. Уый ссӕйцыд скӕсӕнӕй ӕмӕ йӕм уыди цардӕгас Хуыцауы мыхуыр. Зӕд ныхъхъӕр кодта, зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн знаггад ракӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕ ӕрцыд, уыцы цыппар зӕдмӕ:
Ӕмӕ ӕз федтон ӕндӕр тыхджын зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ дарӕс уыдис ӕврагъӕй, йӕ сӕрмӕ – арвырон, йӕ цӕсгом – хуры хуызӕн, йӕ къӕхтӕ – судзгӕ цӕджындзтау.
Ӕз федтон зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ къухы уыди дӕлдзӕхы дӕгъӕл ӕмӕ стыр рӕхыс.