Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ адӕм куы дзурой: «сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст ӕрцӕудзӕн сӕ адзал – аирвӕзыны амал сын нӕ уыдзӕн. Фыццаг зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕндӕр зӕд ӕмӕ дзырдта: «Бабын, бабын стыр Вавилон; йӕ хъахбайдзинады тыххӕй йӕ баййӕфта Хуыцауы фыдӕх, ӕмӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй бадардта ӕппӕт адӕмтӕн». Ӕппӕт уыдӕттӕй чи сӕудӕджер кодта, йӕ фӕрцы чи схъӕздыг, уыдон дзы йӕ хъизӕмӕртты тасӕй лӕудзысты дӕрддзӕф, кӕудзысты ӕмӕ дзыназдзысты: «Додоййаг фӕдӕ, додоййаг, уӕздан кӕттагӕй, сырх ӕмӕ сӕнтсырх хъуымӕцтӕй дарӕс кӕуыл ис, сызгъӕринӕй ӕмӕ налхъуыт-налмасӕй фӕлыст чи у, уыцы стыр сахар! Уымӕн ӕмӕ ахӕм мулк фесӕфт иунӕг сахатмӕ!» Науты ӕппӕт хистӕртӕ ӕмӕ бӕлццӕттӕ иууылдӕр, наудзаутӕ, денджызыл цӕуӕг ӕппӕт сӕудӕджертӕ лӕууынц дӕрддзӕф, Сӕ сӕртыл зӕрынц рыг, хъӕр кӕнынц, кӕуынц ӕмӕ дзыназынц: «Додоййаг фӕдӕ, додоййаг, денджызы наутӕ кӕмӕ ис, уыдон иууылдӕр кӕй исбонӕй схъӕздыг сты, уыцы стыр сахар! Уымӕн ӕмӕ ды иунӕг сахатмӕ царӕфтыд фӕдӕ».
Выбор основного перевода