Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Дунедарӕг Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыцы хъӕддаг сырдты ӕхсӕн калмӕй хиндӕр нӕ уыд. Ӕмӕ калм бафарста сылгоймаджы: «Ӕцӕг загъта Хуыцау: „Дыргъдоны бӕлӕстӕй иуы дыргъӕй дӕр ма хӕрут“?» Уӕд калм загъта сылгоймагӕн: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. Уӕд Дунедарӕг Хуыцау загъта калмӕн: «Афтӕ кӕй бакодтай, уый тыххӕй ӕппӕт фосӕй ӕмӕ ӕппӕт хъӕддаг сырдтӕй ӕлгъыстдӕр дӕ; лӕсдзынӕ дӕ гуыбыныл ӕмӕ дӕ цӕргӕбонты хӕрдзынӕ зӕххы рыг. Йесо сын загъта: «Ӕз федтон хӕйрӕджы уӕларвӕй ӕрвӕрттывдау ӕрхаугӕ. Ныр ацы дунейӕн ралӕууыд йӕ тӕрхоны бон, ӕмӕ фӕтардӕуыдзӕн ацы дунейы ӕлдары. Бакӕнӕм хӕйрӕджы бар йӕ буар ын бафхӕрыны тыххӕй, цӕмӕй йӕ уд фервӕза, нӕ Хицау тӕрхон куы кӕна, уыцы бон. Фӕлӕ уын ӕз тӕрсын, калм Евӕйыл хинӕй куыд рацыд, афтӕ сымахӕн дӕр уӕ зонд куы сзыгъуыммӕ уа, ӕмӕ Чырыстийы куы нал уарзат сыгъдӕг ӕмӕ иузӕрдион уарзтӕй. Ут къӕрцхъус ӕмӕ цырд лӕуут, уымӕн ӕмӕ уӕ фыдгул хӕйрӕг цӕуы богътӕгӕнӕг домбайау ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, ахӕмты.
Выбор основного перевода