Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
«Чи Мӕм ӕрцӕуа, уый йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ зӕнӕджы, йе 'фсымӕрты, йӕ хоты, уӕлдайдӕр та йӕ цард, Мӕнӕй фылдӕр куы уарза, уӕд Мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы. Уӕд сын Йесо загъта: «Иуцасдӕр рӕстӕг ма уыдзӕн рухс уемӕ. Цалынмӕ рухс ис, уӕдмӕ цӕут, талынг уӕ куыд нӕ фӕбынӕй кӕна, уымӕн ӕмӕ талынджы цӕуӕг нӕ зоны, кӕдӕм цӕуы, уый. Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттыл уӕлахиз кӕнӕм нӕ Бауарзӕджы хъаруйӕ. Уӕдӕ хъӕбултӕ туг ӕмӕ стӕгӕй кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ Чырысти дӕр сси уыдоны халдих, цӕмӕй Йӕ мӕлӕты фӕрцы мӕлӕты ӕлдары – хӕйрӕджы – ӕнӕхай фӕкӕна йӕ хъаруйӕ, Цы хъизӕмӕрттӕ бавзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕн дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕддӕр баззай иузӕрдионӕй ӕмӕ дын ратдзынӕн хӕрзиуӕг – мыггагмӕйы цард. Уӕрыкк фӕндзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд нывондхӕссӕны бын федтон, Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕмӕ се 'вдисӕнады тыххӕй кӕй амардӕуыд, уыдоны удтӕ.
Выбор основного перевода