Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ ма тӕрсут, буар чи мары, уды амарын та кӕй бон нӕу, уыдонӕй. Фӕлӕ тӕрсут, уд дӕр ӕмӕ буар дӕр зындоны фесафын Кӕй бон у, Уымӕй. Уӕд Ын Петр загъта: «Мӕнӕ мах ныууагътам алцыдӕр ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл. Цы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?» Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырт ног дунейы Йӕ намысджын бынаты куы сбада, уӕд сымах дӕр, Мӕ фӕдыл рацӕуджытӕ, сбаддзыстут дыууадӕс бадӕны Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ. Ӕмӕ Мӕ номы сӕраппонд йӕ хӕдзӕрттӕ, кӕнӕ йе 'фсымӕрты, кӕнӕ йӕ хоты, кӕнӕ йӕ фыды, кӕнӕ йӕ мады, кӕнӕ йӕ усы, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууадза, уый райсдзӕни фондзыссӕдз хатты фылдӕрӕй, ӕмӕ схайджын уыдзӕн мыггагмӕйы цардӕй. Фӕлӕ фыццӕгтӕй бирӕтӕ уыдзысты фӕстӕгтӕ, фӕстӕгтӕй та бирӕтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ. Петр загъта: «Мӕнӕ мах ныууагътам алцыдӕр ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл».
Выбор основного перевода