Ӕви афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ ныртӕккӕ Мӕ Фыдӕй куы ракурин, уӕд Мын Уый дыууадӕс легионӕй фылдӕр зӕдтӕ нӕ рарвитид?
[Уӕд Ӕм уӕларвӕй ӕрцыди зӕд ӕмӕ Йӕ удвидар кодта.
Ноджы ма йын загъта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: [нырӕй фӕстӕмӕ] уындзыстут арвы дуар гомӕй ӕмӕ Хуыцауы зӕдты уӕларвмӕ ссӕугӕ ӕмӕ Адӕймаджы Фыртмӕ ӕрцӕугӕ».
Йӕ иунӕг Фырты дунемӕ хонгӕйӕ та Хуыцау загъта: «Табу Йын кӕнӕнт Хуыцауы ӕппӕт зӕдтӕ».
Зӕдтӕ сеппӕт дӕр цумагӕнӕн удтӕ не сты, мыййаг? Ӕмӕ сӕ Хуыцау ӕрвиты, чи хъуамӕ фервӕза, уыдоны сӕраппонд балӕггад кӕнынмӕ.