«Израилаг сылгоймӕгтӕй райгуырӕг хистӕр лӕппутӕй алкӕй дӕр снывонд кӕн Мӕнӕн; алы фыццаг гуырд дӕр – адӕймаг уа ӕви фос – Мӕн у».
Ныййардзӕни Фырт ӕмӕ Йӕ схондзынӕ Йесо, уымӕн ӕмӕ Йӕ адӕмы фервӕзын кӕндзӕни сӕ тӕригъӕдтӕй».
Банхъӕлцау уыдзынӕ, ныййардзынӕ Фырт ӕмӕ Йӕ схондзынӕ Йесо.
Ӕмӕ ныййардта Йӕ Фыццаг Фырты, батыхта Йӕ хӕцъилты ӕмӕ Йӕ нывӕрдта кӕвдӕсы, уымӕн ӕмӕ сын фысымуаты бынат нӕ разынд.
Аст боны фӕстӕ, Сывӕллонӕн сунӕты афон куы ралӕууыд, уӕд Ӕй схуыдтой Йесо. Зӕд Ын уыцы ном рагацау радта, Йӕ Мады гуыбыны дӕр куы нӕма уыд, уӕд.