Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Матфея
Параллельные места
Ай у Адамы байзӕддӕгты чиныг. Хуыцау адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй скодта Йӕхи ӕнгӕс, Ӕз Мӕ арфӕ бафтаудзынӕн дӕуӕн арфӕгӕнджытыл, ралгъитдзынӕн де 'лгъитӕджы; дӕ фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Ды Мӕнӕн коммӕгӕс кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ байзӕддӕгты фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Уый уыдзӕни цытджын, схуындӕйӕуыдзӕн Дунедарӕджы Фырт, ӕмӕ Йын Хицау Хуыцау ратдзӕн Йӕ фыдӕл Давиды паддзахад. Чырысти Давиды байзӕддагӕй кӕй уыдзӕн, Давид кӕцӕй уыди, Вифлеемы уыцы хъӕуӕй кӕй ӕрцӕудзӕн, Сыгъдӕг Фысты афтӕ загъд нӕу, ӕви?» Давид пехуымпар уыд ӕмӕ зыдта: Хуыцау ын расомы кодта, йӕ паддзахад ын йӕ байзӕддӕгтӕй иуӕн кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй. Хуыцау зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ Давиды байзӕддагӕй Израилӕн радта Ирвӕзынгӕнӕг Йесойы. Уый у фарны уац Йӕ Фырты тыххӕй. Туг ӕмӕ стӕгӕй Уый уыди Давиды байзӕддаг, Хуыцау та зӕрдӕ бавӕрдта Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн. Фыст нӕу «байзӕддӕгтӕн дӕр», ома, бирӕ адӕмӕн, фӕлӕ фыст у иуы тыххӕй: «ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн». Уыцы байзӕддаг Чырысти у.
От Матфея
Выбор основного перевода